Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. Фыццаг хай. XIV сæр

РАЗМÆ. Фыццаг хай. XIV сæр
Рафыссын
Ислам ницы уыйас дзæбæхдæр кодта, йæ зæнг рыст æмæ рыст. Хуыссæны схъыг æмæ лæдзæджы æнцæйтты куы сарамæ рацæуы, куы — дуармæ æмæ уым абады. Йæ зæнджы рыст ын уыйас нæ кæны, йæ сагъæстæ йын цас æнтъыснæг кæнынц йæ зæрдæ. Куы ссыди, уæдæй нырмæ кæй фехъуыста Нади æмæ Хъамболаты тыххæй, уыдон сæхæдæг æгъгъæд сты зæрдæйы низæн. Дзерассæ Исламы уаты дуарæй йæ сæр бадардта æмæ фынæй нæу, уый куы федта, уæд æм сдзырдта:
— Гаврил дæ агуры!
— Кæм ис?
— Мæнæ дуармæ.
— Мидæмæ, зæгъ, рацу.
Гаврилæн бирæ лæгъстæтæ нæ бахъуыди.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0