https://sputnik-ossetia.com/20231213/tskhinvaly-sandidzyn-kodtoy-alborty-feliksy-nomyl-akhsanadamon-syvallatty-arygatty-festival-27226163.html
Цхинвалы сӕндидзын кодтой Ӕлборты Феликсы номыл Ӕхсӕнадӕмон сывӕллӕтты-ӕрыгӕтты фестиваль
Цхинвалы сӕндидзын кодтой Ӕлборты Феликсы номыл Ӕхсӕнадӕмон сывӕллӕтты-ӕрыгӕтты фестиваль
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы Музыкалон ахуыргӕнӕндоны дыццӕджы ацыд VI Ӕхсӕнадӕмон сывӕллӕтты-ӕрыгӕтты фестиваль, кӕцы нывонд уыд... 13.12.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-12-13T15:18+0300
2023-12-13T15:18+0300
2023-12-13T15:18+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
аивад
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/0a/22483638_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_c422f0f8ee4756b9860ce641d04cb7c0.jpg
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы Музыкалон ахуыргӕнӕндоны дыццӕджы ацыд VI Ӕхсӕнадӕмон сывӕллӕтты-ӕрыгӕтты фестиваль, кӕцы нывонд уыд номдзыд ирон композитор Ӕлборты Феликсӕн. Мадзалы хайад райстой республикӕйы музыкалон уагдӕтты 38 хъомылгӕнинаджы, уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Культурӕйы министрады специалист профессионалон ахуырад ӕмӕ концертон архайды фӕдыл Наталья Жуйкова.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фестивалы нысан у ирон культурӕ ӕмӕ музыкӕ, афтӕ ма ирон авторты куыстыты популяризаци."Хайадисджытӕ сӕххӕст кодтой Макъоты Ацӕмӕз, Хаханты Дудар, Ӕлборты Феликс ӕмӕ ӕндӕр номдзыд композиторты уацмыстӕ. Дыккаг номырты хуызы ӕрбавдыстой нырыккон ӕмӕ советон музыкалон авторты", - загъта Жуйкова.Ӕвзонг музыканттӕ ралӕууыдысты фондз номинацийы: "Фортепиано", "Вокал", "Струнно-смычковые инструменты", "Народные инструменты: аккордеон, гармонь", "Ансамбли народных инструментов". Бӕрӕгбонон гала-концерты фӕстӕ лауреаттӕн радтой дипломтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн буклеттӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/0a/22483638_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_14e420fd7e8a6fa6c7a9816397195465.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, аивад, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, аивад, культурӕ
Цхинвалы сӕндидзын кодтой Ӕлборты Феликсы номыл Ӕхсӕнадӕмон сывӕллӕтты-ӕрыгӕтты фестиваль
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы Музыкалон ахуыргӕнӕндоны дыццӕджы ацыд VI Ӕхсӕнадӕмон сывӕллӕтты-ӕрыгӕтты фестиваль, кӕцы нывонд уыд номдзыд ирон композитор Ӕлборты Феликсӕн. Мадзалы хайад райстой республикӕйы музыкалон уагдӕтты 38 хъомылгӕнинаджы, уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Культурӕйы министрады специалист профессионалон ахуырад ӕмӕ концертон архайды фӕдыл Наталья Жуйкова.
"Ӕдӕппӕт дзы хайад райстой 38 сывӕллоны. Фестивалы хайад райстой Цхинвайлаг фыццӕгӕм музыкалон скъола, дыккӕгӕм музыкалон скъола, аивӕдты Лицей, афтӕ ма Дзауы ӕмӕ Знауыры музыкалон скъолатӕ. Иууыл фылдӕр хайадисджытӕ уыд фыццӕгӕм музыкалон скъолайӕ – 11 сывӕллоны", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фестивалы нысан у ирон культурӕ ӕмӕ музыкӕ, афтӕ ма ирон авторты куыстыты популяризаци.
"Хайадисджытӕ сӕххӕст кодтой Макъоты Ацӕмӕз, Хаханты Дудар, Ӕлборты Феликс ӕмӕ ӕндӕр номдзыд композиторты уацмыстӕ. Дыккаг номырты хуызы ӕрбавдыстой нырыккон ӕмӕ советон музыкалон авторты", - загъта Жуйкова.
Ӕвзонг музыканттӕ ралӕууыдысты фондз номинацийы: "Фортепиано", "Вокал", "Струнно-смычковые инструменты", "Народные инструменты: аккордеон, гармонь", "Ансамбли народных инструментов". Бӕрӕгбонон гала-концерты фӕстӕ лауреаттӕн радтой дипломтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн буклеттӕ.