Мӕскуыйы схорзӕхджын кодтой VII Ӕхсӕнадӕмон литературон преми "Булӕмӕргъ"-ы лауреатты

© Пресс-служба посольства РЮО в РФМӕскуыйы схорзӕхджын кодтой VII Ӕхсӕнадӕмон литературон преми "Булӕмӕргъ"-ы лауреатты
Мӕскуыйы схорзӕхджын кодтой VII Ӕхсӕнадӕмон литературон преми Булӕмӕргъ-ы лауреатты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik. Мӕскуыйы ӕртыццӕджы ацыд VII Ӕхсӕнадӕмон литературон преми "Булӕмӕргъ"-ы лауреатты хорзӕхкӕныны церемони. Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) Культурон центры схорзӕхджын кодтой ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзагыл авторты, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны минӕварады пресс-службӕ.
Мадзал бакодтой РХИ минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ Азнаурты ӕфсымӕрты - Георгий, Вячеслав ӕмӕ Виталий. Организатортӕ ӕххуысы тыххӕй уӕлдай бузныг загътой зындгонд ӕхсӕнадон архайӕг, меценат ӕмӕ амалиуӕггӕнӕг Тотоонты Александрӕн, Мӕскуыйаг ирӕтты ӕхсӕнады сӕрдар Абайты Аланӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны базарадон минӕварӕн Уӕрӕсейы Таймураз Гогиновӕн.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфӕйы ныхӕстимӕ организатортӕм ӕмӕ хайадисджытӕм ралӕууыд Хуссар Ирыстоны ФХМ разамонӕг Джиоты Ӕхсар.
Церемонийы рӕстӕджы президент Гаглойты Аланы барамындӕй Уӕрӕсейы Стыр театры прима-балерина, УФ сгуыхт артисткӕ, РЦИ-Аланийы адӕмон артисткӕ Екатерина Крысановайӕн радтой кадджын ном "Республикӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист".
Церемонийы хайадисджытӕм бадзырдта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло дӕр ӕмӕ банысан кодта, преми ӕрвылаз кӕй ӕрбаиу кӕны сфӕлдыстадон адӕмы.

Преми "Булӕмӕргъ – 2023" лауреаттӕ

Ирон авторты тӕлмацты ӕмбырдгонды арӕзтад ӕмӕ нырыккон ирон поэзийы культурӕйы пропагандӕйы тыххӕй Ӕхсӕнадӕмон литературон преми "Булӕмӕргъ"-ы сӕрмагонд дипломӕй уырыссаг ӕвзагыл автортӕн рахицӕн кодтой "Лаборатория поэтического перевода "Мосты над облаками"-йы сфӕлдыстадон коллективы профессор, Уӕрӕсейы фысджыты Цӕдисы Челябинскы дӕлхайады секретарь Нина Ягодинцевайы сӕргълӕудӕй.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны зонадон-ахуырадон процессмӕ стыр хайбавӕрды тыххӕй сӕрмагонд номинацийы дипломӕй рахицӕн кодтой Цхинвалы фӕндзӕм астӕуккаг скъолайы ахуыргӕнӕг Тедеты Батрадзы.
Ирон националон литературӕйы райрӕзт ӕмӕ популяризацийы хъуыддагмӕ стыр хайбавӕрды тыххӕй фыццӕгӕм къӕпхӕны дипломӕй схорзӕхджын кодтой Касаты Асланбеджы радзырдтӕ, адӕмон сфӕлдыстад ӕмӕ тӕлмацты ӕмбырдгонд "Хӕрзӕмбӕлӕг"-ы тыххӕй.
Ирон сывӕллӕтты аргъӕутты жанры фыст авторон уацмысты тыххӕй, афтӕ ма ирон ӕвзаджы популяризацийы тыххӕй скъолайы агъоммӕйы кары сывӕллӕтты ӕхсӕн дыккӕгӕм къӕпхӕны дипломӕй схорзӕхджын кодтой Згъойты Маринайы "Цыкурайы фӕрдыг" ӕмбырдгонды тыххӕй.
Ирон горӕттаг зарӕг ӕмӕ националон поэзийы райрӕзт ӕмӕ пропагандӕйы тыххӕй ӕртыккӕгӕм къӕпхӕны дипломӕй хорзӕхджын ӕрцыд Ирыстоны популярон автор-ӕххӕстгӕнӕг Алла Кокион.
Ног хабӕртты лентӕ
0