https://sputnik-ossetia.com/20231214/putin-radzyrdta-ukrainyy-uavr-m-mobilizatsiyy-dykkag-uylny-tykhkhy-27243349.html
Путин радзырдта Украинæйы уавæр æмæ мобилизацийы дыккаг уылæны тыххæй
Путин радзырдта Украинæйы уавæр æмæ мобилизацийы дыккаг уылæны тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин комкоммæ линийы рæстæджы фехъусын кодта, сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) нысæнттæ кæй нæ ивынц. 14.12.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-12-14T14:03+0300
2023-12-14T14:03+0300
2023-12-14T14:03+0300
уӕрӕсейы
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0a/07/19293075_0:174:3021:1873_1920x0_80_0_0_1faa48fec00672004e2f5db0182e0307.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин комкоммæ линийы рæстæджы фехъусын кодта, сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) нысæнттæ кæй нæ ивынц.Афтæ ма Путин бафтыдта, зæгъгæ, Украинæ исы бирæнымæц хæцæнгарз, фæлæ уæрæсейаг æфсæддонтæ дарддæр æнтыстджынæй куынæг кæнынц ацы хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджытæ, æмæ уымæй уадзынц делимитаризаци.Уымæй дарддæр Уæрæсейы президент банысан кодта, мобилизацийы фыццаг уылæны рæстæджы кæй æрæмбырд кодтой 300 мин адæймаджы. Ацы адæм иттæг хорз хæцынц, уыдонæй 14 ссисты Уæрæсейы Хъайтартæ. 244 мин адæймаджы сты хæстон архæйдтыты зонæйы. 41 мин адæймаджы ацыдысты службæйæ се ‘нæниздзинады уавæры тыххæй.Мобилизацийы дыккаг уылæны тыххæй фарстыл дзуапп дæтгæйæ Путин фехъусын кодта, ацы тæккæ уый кæй нæ хъæуы.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0a/07/19293075_144:0:2875:2048_1920x0_80_0_0_0f1a0debaea95725244933f23d1d6a68.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ
Путин радзырдта Украинæйы уавæр æмæ мобилизацийы дыккаг уылæны тыххæй
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин комкоммæ линийы рæстæджы фехъусын кодта, сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) нысæнттæ кæй нæ ивынц.
"Дзырд цæуы Украинæйы нейтралон статусыл, денацификаци æмæ делимитаризацийыл. Киевы дзырдтой, нацисттæ сæм кæй нæй, фæлæ, Киевы администрацийы разамонæг лæугæйæ куы къухæмдзæвгъд кодта СС раздæры солдатæн, уæд уый нацификацийы миниуæг нæу?", - загъта Путин.
Афтæ ма Путин бафтыдта, зæгъгæ, Украинæ исы бирæнымæц хæцæнгарз, фæлæ уæрæсейаг æфсæддонтæ дарддæр æнтыстджынæй куынæг кæнынц ацы хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджытæ, æмæ уымæй уадзынц делимитаризаци.
Уымæй дарддæр Уæрæсейы президент банысан кодта, мобилизацийы фыццаг уылæны рæстæджы кæй æрæмбырд кодтой 300 мин адæймаджы. Ацы адæм иттæг хорз хæцынц, уыдонæй 14 ссисты Уæрæсейы Хъайтартæ. 244 мин адæймаджы сты хæстон архæйдтыты зонæйы. 41 мин адæймаджы ацыдысты службæйæ се ‘нæниздзинады уавæры тыххæй.
Мобилизацийы дыккаг уылæны тыххæй фарстыл дзуапп дæтгæйæ Путин фехъусын кодта, ацы тæккæ уый кæй нæ хъæуы.