Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. Фыццаг хай. XVI сæр

РАЗМÆ. Фыццаг хай. XVI сæр
Рафыссын
Райсомæй Симон æмæ Таймуразы хылы хабар хъæуыл айхъуыст. Алчи ма йыл йæхицæй къæхтæ æмæ къухтæ æфтыдта, афтæмæй йæ дзырдта иннæмæн.
Таймуразы изæры горæтмæ сæйраг рынчындонмæ аластой. Дежурнæ дохтыр ын йæ цæф бæстон федта, ныссыгъдæг æй кодта æмæ йæ ног бабаста.
Таймуразы рахастой палатæмæ. Йæ цæсгом урс цикъæйы хуызæн ныцци. Ныр йæхи æмбарын байдыдта. Фæлæ ардæм куыд æрбафтыд, уый нæ хъуыды кæны. Æрмæст ма иыдæртæ йæ цæстытыл уайы: кафт, симд, быцæу...
Уыцы рынчындоны хуыссыди Ислам дæр.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0