Сау тымыгъ. Лæджы Хуыцау куы нæ сафа

Сау тымыгъ. Лæджы Хуыцау куы нæ сафа
Рафыссын
Изæрмилтæ сæхи хафын райдыдтой фæздæгдзыд, алайæдзаг къуылдымтыл, афтæ Борæ ныккаст Тихреуы хъæумæ. Сатæг сау, сыгъдæй куы федта йæ цæстыты раз, арæх-иу уазæгуаты кæм уыдис, уыцы хъæу, уæд бæхæй рахауæгау кодта æмæ зонгуытыл лæугæйæ йæ сæр ныххоста. Хъæуы сæр, къуылдымæй райхъуыст йæ богъ-богъ æмæ хъæуы ‘рдæм аппæрста йæхи. Йæ акомкоммæ, уæлмæрдырдыгæй Борæйы ‘рдæм лыгъдысты дыууæ лæппуйы. Уыдонæн дæр хъуыст сæ æрдиаг. Зæронд лæг дзыхълæуд фæкодта. Айхъуыста.
- О, Хуыцау, мацы мын ракæн! Кæд мæ хъустæ нæ сайынц, уæд нæхиуæтты хъæлæс у. Æмæ кæд уыдон сты, уæд цы фесты хъæуыдзаг адæм? Хъæу басыгътой, фæлæ цы фесты йæ цæрджытæ? Æмæ ма нæхиуæттæ ам куыд баззадысты?...
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0