Уæрæсе æнæ суверенитетæй нæ уыдзæн – Путин

© Sputnik / Станислав Красильников /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik. Уæрæсе æнæ суверенитетæй нæ фæцæрдзæн, бæстæ нал уыдзæн ахæм хуызы, кæцыйы уый уыд мингай азты дæргъы, фехъусын кодта комкоммæ линийы рæстæджы Уæрæсейы президент владимир Путин.
Дыццæджы УФ лидер ногæй бадзырдта уæрæсейæгтæм æмæ дзуапп кæны ДИФ-ты фарстытыл.
"Дзырд цæуы æдасдзинад æмæ æхсæнадон суверенитет сфидар кæныныл, экономикæ æмæ технологиты къабазы æмбæстæгты бартæ æмæ æдасдзинад сæххæст кæныныл, афтæ ма парламентаризмы райрæзтыл. Æнæ уымæй Уæрæсе нал уыдзæн", - загъта уæрæсейаг лидер.
Путин бахахх кодта, зæгъгæ, æхсæнады бæрзонд консолидаци æмæ финансон системæйы фидардзинады фæрцы Уæрæсе æнтыстджын архайд кæны зын уавæрты.
Ног хабӕртты лентӕ
0