Уæрæсейæн ис бирæ фарсхæцджытæ Ныгуылæны, фехъусын кодта Владимир Путин

© POOL /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин хатдзæгон пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта, Ныгуылæны бирæ адæм кæй нымайынц, зæгъгæ, Уæрæсе алцыдæр аразы раст, махæн ис бирæнымæц фарсхæцджытæ традицион хæзнатæ хъахъхъæныны фæдыл.
Цыппæрæмы ацыд Уæрæсейы разамонæг Владимир Путины егъау пресс-конференци. Ацы аз æй æрбаиу кодтой комкоммæ линиимæ.
"Æз зонын æмæ æрмæст немыцаг горæтты нæ, фæлæ ма Европæ æмæ Америкæйы Иугонд Штатты æндæр горæтты, афтæ ма дунейы аннæ регионты тынг бирæ адæм нымайынц, мах алцыдæр раст кæй аразæм", - загъта Путин.
Президент бахахх кодта, Уæрæсе кæй нæ тæрсы тох кæнын йæ национ интерестыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0