Гаглойты Алан бабæрæг кодта ахуыртæ Хъахъхъæнынады министрады полигоныл

© Sputnik / Аслан ТедеевГаглойты Алан бабæрæг кодта ахуыртæ Хъахъхъæнынады министрады полигоныл
Гаглойты Алан бабæрæг кодта ахуыртæ Хъахъхъæнынады министрады полигоныл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты Уæлдæр Командæгæнæг Гаглойты Алан майрæмбоны бабæрæг кодта республикæйы Хъахъхъæнынады министрады ахуырадон центр æмæ æфсæддон полигон, цы ран цæуынц командон-штабон тренировкæтæ æмæ комплексон тактикон-сæрмагонд ахуыртæ хæстон æхстытимæ.
Ахуыртæ ма бабæрæг кодтой Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Марат Павлов, УФ минæварады кусджытæ, афтæ ма парламенты депутаттæ æмæ ДИФ минæвæрттæ.
Ахуырты хайадисджытæ уыдысты Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æппæт дæлхайадтæ. Фæлтæрд æфсæддонтæй дарддæр дзы хайад истой æвзонг офицертæ дæр.
Президент Гаглойты Алан æмæ министр Марат Павлов бузныг загътой хæстонтæн сæ курдиаты тыххæй.
"Мах иууылдæр æмбарæм, цæмæн хъæуынц ацы ахуыртæ. Уадз æмæ нæ райгуырæн бæстæйы макуыуал уой хæстон архæйдтытæ. Бузныг уын уæ куысты тыххæй. Хуыцау уын æххуысгæнæг уæд", - загъта президент.
© SputnikГаглойты Алан бабæрæг кодта ахуыртæ Хъахъхъæнынады министрады полигоныл
минобороны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2023
Гаглойты Алан бабæрæг кодта ахуыртæ Хъахъхъæнынады министрады полигоныл
Ног хабӕртты лентӕ
0