Хуссар Иры хъахъхъæнджытæ-инвалидтæн баххуыс кæндзысты Ног азмæ

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры хъахъхъæнджытæ-инвалидтæн баххуыс кæндзысты Ног азмæ
Хуссар Иры хъахъхъæнджытæ-инвалидтæн баххуыс кæндзысты Ног азмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Æххуысы фонд фæцæфуæвджытæн, кæцытæ ссисты инвалидтæ хæстон архæйдтыты рæстæджы Хуссар Ирыстоны территорийыл 1989-2008 азты, райдыдта уарын гуманитарон æххуыс Ног азмæ.
Фонды разамонæг Плиты Мæдинæ куыд радзырдта Sputnik-æн, афтæмæй Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæн баххуыс кæныны фадат фæзынд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы фæрцы.
"Æрвылаз нæ хъахъхъæнджытæ райсынц æххуыс хæлцадон продуктты хуызы. Фыццаджыдæр, æххуыс райсынц Фонды хайадисджытæ уæззау цæфтимæ, стæй та иннæтæ. Æххуыс æдæппæт райсдзысты Фонды дыууæ сæдæ хайадисæджы", - загъта Плиты Мæдинæ.
© Sputnik / Natalia Airiyan Плиты Мæдинæ
Мадина Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2023
Плиты Мæдинæ
Йæ ныхæстæм гæсгæ, меценат Пухаты Гурам дæр йæ хайбавæрд бахаста гуманитарон æххуысы арæзтадмæ.
Уымæй дарддæр Фонды сæргълæууæг радзырдта, кæцыдæр хъахъхъæнджытæ-инвалидтæ ныртæккæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО).
"Нæ лæппутæ, кæцытæ сты алыхуызон къæпхæнты инвалидтæ, хайад исынц СÆО-йы. Сæ бинонтæн дæр фадат ис райсын гуманитарон æххуыс", - загъта уый.
Фонд кусы 2005 азæй фæстæмæ, йæ сæргъ лæууы орден "Уацамонгæ"-йы кавалер Плиты Мæдинæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0