Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. Фыццаг хай. XVII сæр

РАЗМÆ. Фыццаг хай. XVII сæр
Рафыссын
Кæрдæгхæссæнты Таймураз рацыди рынчындонæй, мæнæугæрдæнтæм æввахс та — Ислам. Таймураз кусын райдыдта.
Мæхæмæты бинонтыл кæд стыр циндзинад сæмбæлд Исламы сдзæбæхæй, кæд сæхи амондджын хуыдтой, уæддæр сæ алчидæр хицæнæй мидхъуырдухæн кодта.
Дзерассæ йæхимæ хъусгæйæ бонæй-бонмæ тади.
Æдзух æрхæндæгзæрдæйæ æрвиты йæ рæстæг, хъазтмæ нал цæуы, чызджытимæ чызгау нал ахъаздзæн æмæ ахуддзæн, фæндырæй нал ацæгъддзæн.
Цалдæр хатты йæ дохтыртæн фенын кодтой, фæлæ йæм ницы низ ссардтой. Дзæрассæйæн йæхицæй хуыздæр ничи зоны йæ низы уаг, фæлæ цы йæ бон у!
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0