Сау тымыгъ. Фæстаг зарæг ирон лæппутæ кодтой

Сау тымыгъ. Фæстаг зарæг ирон лæппутæ кодтой
Рафыссын
…Æрдæгпырх, æрдæгсыгъд хæдзары фынæй ничи кодта. Æниу, чизоны, фынæй уыдысты дыууæйæ. Фæлæ Дзæрæхы цæстытæм хуыссæг æмгæрон нæ цыд. Сывæллон лæппу нæ æмбæрста цы рцыд. Йæ хъуыдыйы уыд æрмæстдæр, куы ма бахæццæ уаиккой Дзомагъгоммæ сæхимæ. Къулгæрон уæлгоммæ хуысгæйæ йæ хъустыл уадис ирон зарæджы зæлтæ. Зарæг хъуыстис дард кæцæйдæр, цыма зæххы бынæй цыдис, афтæ. Сындæггай растадис йæ бынатæй, хъавгæ рахызт æддæмæ. Æхсæв уыд æгуыппæг æмæ йæм зарæг æрбайхъуыстис хæстæгдæрæй…
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0