Хуссар Иры ÆХМ разамонæг фехъусын кодта ацы къабазы сæйрагдæр проблемæтæй иу

© SputnikДжыгкайты Томас
Джыгкайты Томас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы сæйрагдæр проблемæтæй иу у кадрон политикæйы æнæэффективондзинад, фехъусын кодта Sputnik-ы пресс-конференцийы рæстæджы республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады (ÆХМ) разамонæг Джыгкайты Томас.
"Мах хъæуы уадзын хуыздæр кадрон политикæ. Хъуамæ афтæ ма уа, мах фæсивæды медицинон ахуыргæнæндæттæм куы арвитæм, æмæ куы æрыздæхынц, уæд та сын куыст нæ вæййы. Хъæуы нæ бафыссын контракттæ, кæцытæм гæсгæ паддзахад фадат дæтты æнæаргъ ахуыр рацæуын, нæ фæсивæд та хъуамæ æрыздæхой республикæмæ æмæ цыдæр рæстæг бакусй. Афтæмæй уыдон бафиддзысты сæ хæсы хай сæ райгуырæн бæстæйы раз", - банысан кодта министр.
Джыгкайты Томас ма бахахх кодта, зæгъгæ, республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынæн хъæуы комплексон куыст.
Ног хабӕртты лентӕ
0