Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. I хай. XIX сæр

Рафыссын
Мæнæугæрдæнтæ уыдысты сæ тæккæ тынгыл. Бирæ колхозтæ сæ мæнæутæ æфснайын нал фæрæзтой. Афтæ сын æрзадысты æмæ æхсæв хæдзармæ нал цыдысты: кæм кæрдгæ кодтой, кæм най, кæм мæнæу гонтæм ластой. Мæхæмæты колхозы дæр уыдис мæнæу конд, фæлæ бирæ нæ. Кæй байтыдтой, уый кæд хæмпæлгомау уыд, уæддæр хорз æфсир скодта, нæй дзы рахъаст кæнæн.
"Уагæры ма рывд куы 'рцыдаид, уæд куыд ныззæбултæ уыдаид!" — фæзæгъынц, мæнæуы куыст чи 'мбары, уыдон.
Абон Мæхæмæт æмæ Мухтары не 'вдæлы. Обкоммæ сæм сидынц æмæ сæхи цæттæ кæнынц. Уым сын хъуамæ æрныхас кæной сæ куысты тыххæй. Районы разамонджытæ дæр уым уыдзысты. Бухгалтер фысгæ кæны, Мæхæмæт æмæ йын Мухтар та дзургæ.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0