Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. I сæр

РАЗМÆ. Фыццаг хай. XX сæр
Рафыссын
Октябры номыл колхозмæ районы кусджытæ арæх цæуын байдыдтой. Ахæм къуыри нæ рацæуы æмæ райкомæй, кæнæ райæххæсткомæй исчи кæд нæ вæййы хъæуы.
Къуырийы размæ фехъусын кодтой колхозонтæн, хуыцауæхсæв æмбырд уыдзæн, зæгъгæ. Дзурдзысты дыууæ фарстайыл: правленийы дзуапп æмæ æвзæрстытæ.
Мæхæмæт ныр цалдæр боны бады йæ кабинеты, — йæхи æмбырдмæ цæттæ кæны, правленийы куысты тыххæй дзуаппы ныхас ракæнынмæ. Фæстаг заманы Мæхæмæт куыддæр йæхимæ хъусыныл фæци, фæкъæсхуырдæр. Къуыригæйттæ æнæдастæй баззайы. Куывдтæм, хистытæм нал цæуы. Колхозонтæ дис кæнынц:
"Нæ сæрдар бюройы фæстæ йæки хуызæн нал у, цы йыл æрцыд?" —фæзæгъынц уыдон.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0