Транскамы систой арӕнӕвӕрдтӕ, трассӕ кусы штатон режимы

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 дек - Sputnik. Транскавказаг автомагистралы уӕзласӕн хӕдтулгӕты змӕлдыл систой арӕнӕвӕрдтӕ, фехъусын кодта къуырисӕры Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Уӕзласӕн хӕдтулгӕты змӕлдыл тобӕ сӕвӕрдтой хуыцаубоны.
"Трассӕ кусы штатон режимы автотранспорты алы хуызтӕн дӕр", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0