Ирон спортсментӕ расгуыхтысты Ӕппӕтуӕрӕсейаг ерысты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй Тулайы

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæИрон спортсментӕ расгуыхтысты Ӕппӕтуӕрӕсейаг ерысты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй Тулайы
Ирон спортсментӕ расгуыхтысты Ӕппӕтуӕрӕсейаг ерысты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй Тулайы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой цыппар майданы Ӕппӕтуӕрӕсейаг турниры ӕрыгӕтты ӕхсӕн греко-римаг хъӕбысхӕстӕй Олимпиаг хъӕзтыты уӕлахиздзау Шамиль Хисамутдиновы призтыл. Турнир ацыд 16-17 декабры Тулайы.
Кадзты Билал ссис уӕлахиздзау 92 кг уӕзы категорийы. Ерысты финалы уый ӕнцонтӕй рамбылдта Егор Макаровы Рязаны областӕй.
Кады пьедесталмӕ 80 кг уӕзы категорийы схызтысты дыууӕ ирон спортсмены – ӕвзист майдан рамбылдта Джыгкайты Арсен, бронзӕйон та Джыгкайты Азӕмӕт. Ноджы ма иу бронзӕйон майдан ирӕтты командӕйӕн ӕрхаста Габеты Артур 110 кг уӕзы категорийы.
Ерысты хайад райстой 170 хъӕбысӕйхӕцӕджы Уӕрӕсейы 19 регионӕй, афтӕ ма Белорусийӕ дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0