Хуссар Иры арæнхъахъхъæнджытæ 2023 азы æрурæдтой 450 фæтхалæгмæ æввахс

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны арæнхъахъхъæнджытæ 2023 азы æрурæдтой 450 фæтхалæгмæ æввахс
Хуссар Ирыстоны арæнхъахъхъæнджытæ 2023 азы æрурæдтой 450 фæтхалæгмæ æввахс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 дек - Sputnik. 2023 азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны алы рæтты урæд æрцыдысты 448 фæткхалæджы, уыдонæй 196 фехæлдтой паддзахадон арæны режим, 251 – арæнгæрон режим, фехъусын кодта дыццæджы республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.
ПÆК Арæнгæрон службæ алы фæткхæлтды тыххæй дæр ауагъта æвзæрстытæ, уый фæстиуæгæн 262 адæймаджы æрцыдысты иваргонд, республикæйæ æрвыст æмæ иваргонд æрцыдысты æхсæз фæткхалæджы, 19 æрвыст æрцыдысты æнæ иварæй, 138 фæтклалæджы фæдзæхст æрцыдысты, радзырдтой уагдоны. Уымæй дарддæр азы дæргъы сцырын кодтой 19 уголовон хъуыддаджы, цыппар адæймаджы ныхмæ хъуыддæгтæ æхгæд æрцыдысты.
Республикæйы ПÆК зæрдыл дарын кæны Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ æмæ уазджытæн, уыимæ иумæ туристтæн дæр, кæцытæ æрцæуынц республикæмæ дины бæрæгбонтæм, арæнгæрон зонæмæ бацæуыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг сты документтæ (паспорт, куысты бæрæггæнæн гæххæт, райгуырыны тыххæй æвдисæндар æнахъомтæн, фæсарæйнаг æмбæстæгтæн ма хъæуы уадзæн гæххæтт). Уымæй дарддæр уагдон æрсидт æмбæстæгтæ æмæ организацитæм, кæцытæ уадзынц хъæууон-хæдзарадон куыстытæ арæнгæрон территориты, развæлгъау бадæттын гæххæттытæ æмбæлон барлæвæрд райсыны тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0