Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. III сæр

Рафыссын
Иcлам сæрдар куы сси, уæдæи фæстæмæ Мухтар- мæ колхозы хъуагдзинæдтæ хуыздæр зынын байдыдтой. "Куыд мæ аирвæзтысты, ныронг сæ цæуылнæ уыдтон. Ислам ам дыууæ боны йедтæмæ нæма ис æмæ сæ уый хурмæ куы рахаста, уæд æз кæм уыдтæн", — хъуыды кæны æхсæвæй бонæй Мухтар, йæхи æфхæры. Фæлæ ма ныр цы гæнæн ис!
Йæ бинонтæ дæр æмбарынц, фæстаг рæстæг йæ уагыл кæй нæ у, уый æмæ йыл тынг сагъæс кæнынц.
— Ницæмæн уал бæззы нæ лæппу. Æз дзы афтæ хусгæнгæ нæма федтон. Цы кодта? Цы хæйрæджытæ йæ ралгъыстой, — дзырдта Мухтары мад Тедтон сæ сыхæгты усæн.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0