Цхинвалы байгом ногазон армукъа

© Sputnik / Ян ГабараевЦхинвалы байгом ногазон армукъа
Цхинвалы байгом ногазон армукъа - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 дек - Sputnik, Гæбæраты Элина. Ногазон армукъа байгом Цхинвалы центры ивгъуыд улæфт бонты. Алыхуызон бæрæгбонон декоримæ палаткæтæ лæууынц дыккæгæм базар æмæ Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы раз.
Ацы ран амалиуæггæнджытæ бавдыстой бирæнымæц назбæласы хъазæнтæ, гирляндæтæ, аргъæутты сырдтæ, къæлиндартæ æмæ афтæ дарддæр.
Армукъа нырма не скуыста æххæстбæрц тыхы, уымæн æмæ амалиуæггæнджытæй бирæтæ нæ сæвæрдтой сæ палаткæтæ. Фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ горæты цæрджытæ ныридæгæн зæрдиагæй цæуынц армукъамæ æмæ æвзарынц ногазон лæвæрттæ.
Армукъа араздзæн бæрæгбонон атосферæ Ног азмæ, сæхгæнынц æй 31 декабры.
© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы байгом ногазон армукъа
Подготовка к Новому году. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.12.2023
Цхинвалы байгом ногазон армукъа
Ног хабӕртты лентӕ
0