Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ райстой паддзахадон хорзӕхтӕ президентӕй

© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ райстой паддзахадон хорзӕхтӕ президентӕй
Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ райстой паддзахадон хорзӕхтӕ президентӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта бӕрӕгбонон ӕмбырд Уӕрӕсейы Федералон ӕдасдзинады службӕйы (ФӔС) Арӕнгӕрон фӕткдаруаты Хуссар Ирыстоны ӕмӕ раарфӕ кодта уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕн паддзахадон ӕдасдзинады органты кусӕджы Боны цытӕн.
"Сымах егъау хайбавӕрд хӕссут Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕдасдзинад ӕххӕст кӕнынмӕ. Уӕрӕсейы ФӔС Арӕнгӕрон фӕткдаруат ХУссар Ирыстоны бирӕ азты дӕргъы цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕны йӕ разы лӕууӕг хӕслӕвӕрдтӕ", - банысан кодта президент.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы зӕрдӕ загъта уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕн фидар ӕнӕниздзинад, ӕнтыстытӕ куысты ӕмӕ хӕрзӕбон.
Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов йӕхирдыгӕй банысан кодта Арӕнгӕрон фӕткдаруаты кусджыты бӕрзонд профессионализм.
Мадзалы рӕстӕджы иууыл хуыздӕр кусджытӕн радтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзӕхтӕ.
© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ райстой паддзахадон хорзӕхтӕ президентӕй
День работника госбезопасности - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2023
Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ райстой паддзахадон хорзӕхтӕ президентӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0