Паддзахадон æдасдзинады органтæ æдзух лæууынц фыдракæндтимæ тохы фыццаг бынаты - президент

© Пресс-служба президента РЮОПаддзахадон æдасдзинады органтæ æдзух лæууынц фыдракæндтимæ тохы фыццаг бынаты
Паддзахадон æдасдзинады органтæ æдзух лæууынц фыдракæндтимæ тохы фыццаг бынаты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik. Паддзахадон органты службæ домы бæрзонд профессионализм, æнæкомпромиссон рæстдзинад æмæ æнæсæтгæ иузæрдтондзинад хъуыддагмæ, сæ кусджытæ æрвыл лæууынц разæй фыдракæндтимæ тохы. Уый тыххæй дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфæйы ныхасы паддзахадон æдасдзинады кусджытæ æмæ ветерантæм, кæцытæ нысан кæнынц æртыццæджы профессионалон бæрæгбон.
"Нæ адæмæн уæзаудæр бонты сымах слæууыдыстут фидар гæрæнæй гуырдзиаг неонацистты фæндагыл Фыдыбæстæйы иннæ хъахъхъæнджытимæ иумæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны территориалон æнæхъæндзинад æмæ суверенитет хъахъхъæнгæнгæйæ", - банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.
Афтæ ма уæлдай бузныджы ныхæстæ президент загъта паддзахадон æдасдзинады ветерантæн æмæ УФ ФÆС Арæнгæрон хъахъхъæнджытæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0