Цхинвалы уагъд цӕуы адӕмон дӕсныты ногазон армукъа

© Аманда ТомаеваЦхинвалы уагъд цӕуы адӕмон дӕсныты ногазон армукъа
Цхинвалы уагъд цӕуы адӕмон дӕсныты ногазон армукъа - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы Ногдзауты парчы байгом адӕмон дӕсныты ногазон армукъа. Ӕппӕт республикӕйӕ мастертӕ бавдыстой сӕ къухӕй куыст ӕрмӕджытӕ.
Армукъайы хайадисджытӕй иу, республикон ӕвзонг техникты станцы педагог Лолаты Инна куыд банысан кодта, афтӕмӕй ӕрбавдисгӕ назбӕласы хъазӕнтӕ сӕхи къухтӕй арӕзтой станцы ахуырдзаутӕ.
"Ахуырадон азы райдайӕны мах саразӕм мадзӕлтты нывӕст. Ногазон армукъа саразыны хъуыды ӕрбавдыста ӕвзонг техникты станцы директор Калаты Нариман. Фӕстӕдӕр мадзалы организацимӕ ӕрбаиу республикӕйы культурӕйы министрад дӕр. Сывӕллӕттӕн стыр мотиваци дӕтты ахӕм мадзӕлтты хайадист. Уыдон уӕй кӕнынц сӕ куыстытӕ фӕлтӕрд мастертимӕ иумӕ", - бафтыдта уый.
Армукъа уагъд цӕудзӕн Ногдзауты парчы 20-23 декабры 12.00-ӕй 16.00 сахатмӕ.
© Аманда ТомаеваЦхинвалы уагъд цӕуы адӕмон дӕсныты ногазон армукъа
Новогодняя ярмарка народных мастеров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2023
Цхинвалы уагъд цӕуы адӕмон дӕсныты ногазон армукъа
Ног хабӕртты лентӕ
0