Цы мадзæлттæ ацæудзысты Хуссар Иры ногазон бæрæгбонты

© Sputnik / Наталья АйриянЦы мадзæлттæ ацæудзысты Хуссар Иры ногазон бæрæгбонты
Цы мадзæлттæ ацæудзысты Хуссар Иры ногазон бæрæгбонты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ногазон бæрæгбонтæ райдайдзысты республикæйы сæйраг наз бæласы бакондæй, фехъусын кодта Sputnik-æн РХИ культурæйы министрады пресс-службæйы кусæг Хуыгаты Алана.
"Республикон наз бæласы баконд президент Гаглойты Аланы хайадистæй ацæудзæн 25 декабры 12.00 сахатыл Театралон фæзуатыл. Ногазон æхсæв Театралон фæзуатыл бæрæгбонон концерты ралæудзысты бынæттон эстрадæйы артисттæ, афтæ ма дзы ацæудзæн дискотекæ фæсивæдæн", - радзырдта Хуыгаты Алана.
© Sputnik / Natalia AiriyanНог аз
Предновогодний Цхинвал  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2023
Ног аз
Йæ ныхæстæм гæсгæ, 3, 4 æмæ 5 январы 12.00 сахатыл Паддзахадон драмон театры равдисдзысты интерактивон спектакльтæ сывæллæттæн "Ногазон аргъау".
"Ацы бонты ма 16.00 сахатыл культурæйы министрад бавдисдзæн киноконцертон зал "Чермен"-ы бæрæгбонон программæ сывæллæттæн аниматортæ, лотерей æмæ призтимæ. Мадзалмæ бацæуæн ис æрхуынды билеттимæ, кæцытæ гæнæн ис райсын культурæйы министрады", - загъта пресс-секретарь.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, наз бæлæсты бæрæгбонон баконд ацæудзæн республикæйы районты дæр.
Цхинвалы районы Дменисы хъæуы наз бæласы баконд ацæудзæн 26 декабры, Знауыр æмæ Ленингоры районты – 27 декабры æмæ поселок Дзау æмæ горæт Къуаисайы та 28 декабры, бахахх кодта Хуыгаты Алана.
Ног хабӕртты лентӕ
0