Хуссар Иры 2023 азы райгуырд 331 сывæллоны, уыдонæй фондз фаззоны

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны 2023 азы райгуырд 331 сывæллон, уыдонæй фондз фаззоны
Хуссар Ирыстоны 2023 азы райгуырд 331 сывæллон, уыдонæй фондз фаззоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны январæй абоны бонмæ райгуырд 331 сывæллоны. Уый тыххæй Sputnik радзырдтой республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.

"Æмткæй ацы азы райгуырд 331 сабийы. Уыдонæй 180 сты лæппутæ, 151 та чызджытæ. Уыдонимæ иумæ ма хъæуы банысан кæнын, фондз дзы кæй сты фаззæттæ", - бафтыдтой пресс-службæйы.

Абаргæйæ, фарон фæзынд фылдæр ног æмбæстæгтæ. Республикон бирæпрофилон медицинон центры бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фарон фыст æрцыд 350 ноггуырды, уыдонæй 156 лæппутæ æмæ 194 та чызджытæ. Фаззæттæ æрмæст æртæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0