Хуссар Иры парламенты спикер сӕххӕст кодта фондз сывӕллоны ногазон бӕллицтӕ

© Photo : Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры парламенты спикер сӕххӕст кодта фондз сывӕллоны ногазон бӕллицтӕ
Хуссар Иры парламенты спикер сӕххӕст кодта фондз сывӕллоны ногазон бӕллицтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Ӕлборты Алан радта ногазон лӕвӕрттӕ сывӕллӕттӕн хӕрзаудӕн проект "Мӕ ногазон бӕллиц"-ы фӕлгӕтты. Ӕлборты Алан сӕххӕст кодта фондз сабийы бӕллицтӕ, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгнингтӕ, Гӕззаты Аделина, Пӕррӕстаты Диана, Ростислав Ким ӕмӕ Бека Меладзе райстой велосипед, куклӕ, планшет ӕмӕ телефон. Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгӕнинаг Дзукъаты Радионӕн та балӕвар кодтой спортивон костюм ӕмӕ телефон.

Закондӕттӕг органы разамонӕг раарфӕ кодта сывӕллӕттӕн ӕрбалӕугӕ Ног азы цытӕн. Сывӕллӕттӕ бузныг загътой спикерӕн лӕвӕртты тыххӕй ӕмӕ дзырд радтой, хорз кӕй ахуыр кӕндзысты.
© Photo : Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры парламенты спикер сӕххӕст кодта фондз сывӕллоны ногазон бӕллицтӕ
Спикер парламента РЮО вручил новогодние подарки детям - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2023
Хуссар Иры парламенты спикер сӕххӕст кодта фондз сывӕллоны ногазон бӕллицтӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0