Дзæуджыхъæуы зонадон центры раргом кодтой ирæтты фыдæлты металлургийы сусæгдзинæдтæ

© Photo : Из личного архива Владимира ЧшиеваДзæуджыхъæуы зонадон центры раргом кодтой ирæтты фыдæлты металлургийы сусæгдзинæдтæ
Дзæуджыхъæуы зонадон центры раргом кодтой ирæтты фыдæлты металлургийы сусæгдзинæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik. Уæрæсейаг Зонадон Академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры скифаг-алайнаг иртæстыты центры ахуыргæндтæ раргом кодтой хъобайнаг æмæ алайнаг авгæй æмæ металлæй предметты арæзт Дæллаг æмæ Уæллаг Терчыбылгæрæтты ссаргæ артефактты анализы бындурыл, фехъусын кодтой Центры пресс-службæйы.
"Ауадзгæ иртæстыты фæстиуæгæн райстам принципиалон ног зонындзинæдтæ, кæцытæ ахъаз фесты нæ зонындзинæдтæ рагон æмæ астæуккаг æнусты Кавказы историйы тыххæй зонындзинæдтæ рауæрæх кæнын æмæ снысан кæнын археологон зонады ног перспективæтæ, куыд нæ республикæйы, афтæ йæ арæнтæй дарддæр дæр", - радзырдта Центры разамонæг ахуыргонд.
Ацы иртæст у æппæт Уæрæсе æмæ Цæгат Кавказыл фыццаг ахæм куыст.
Ног хабӕртты лентӕ
0