Хуссар Иры армрестлер ссис Хуссар æфсæддон зылды ерысты уæлахиздзау

© Flickr / istolethetvХуссар Иры армрестлер ссис Хуссар æфсæддон зылды ерысты уæлахиздзау
Хуссар Иры армрестлер ссис Хуссар æфсæддон зылды ерысты уæлахиздзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны армспорты минæвар Бететы Алан рамбылдта Хуссайраг æфсæддон зылды æфсæдты разамонæджы кубокы фыццаг бынат, фехъусын кодта армспорты тренер Джиоты Валерий.
Бететы Алан кусы тренерæй æмæ æмрæстæджы архайы куыд спортсмен афтæ дæр.
"Бететы Алан рамбылдта Хуссар æфæддон зылды æфсæдты разамонæджы кубокы фыццаг бынат 110 килограммы уæзы архайгæйæ. Нæ минæвары уæзы категорийы тох кодта 15 спортмены. Бететы Алан ссис уæлахидзау дыууæ къухæй дæр", - загъта Джиоты Валерий.
Бететы Алан у бирæнæмæц ерысты уæлахиздзау, æртæ азы фæд-фæдыл уый рамбылдта Уæрæсейы гарзджын тыхты ерыстæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0