Удæгас назбæлæстæ сты тобæгонд, фæлæ ис "фæсарæйнаг" хихджынтæ

© Sputnik / Андрей Сорокин /  Ахизын медиабанкмæУдæгас назбæлæстæ сты тобæгонд, фæлæ ис фæсарæйнаг хихджынтæ
Удæгас назбæлæстæ сты тобæгонд, фæлæ ис фæсарæйнаг хихджынтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 дек – Sputnik, Плиты Фатима. Хуссар ирыстоны цыппæрæм аз ис æвæрд тобæ удæгас хихджын бæлæстæ ракæныныл Ногазон бæрæгбонтæм. Фæткхалджыты рабæрæг кæнынц иумæйаг рейдты рæстæджы Хъæды хæдзарады кусджытæ æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ. Уый тыххæй Sputnik радзырдта уагдонады сæргълæууæг Чилæхсаты Теймураз.
"Хуссар Ирыстоны тобæгонд у назбæлæстæ кæнын Ног азмæ. Æртмæстдæр бар ис кæцыдæр уагдонадтæн, кæцытæ сты Ахуырады министрады фæткдаруаты бын æмæ горæты микрорайонтæ. Уыдоны ифтонг кæнæм назбæлæстæй нæхæдæг. Ацы аз мах раклодтам уыцы нысæтты тыххæй 25 бæласы Дзауы районы. Æрвыл аз дæр сæ нымæц къаддæр кæны уымæн æмæ уагдæттæ балхæнынц аразгæ назтæ", - банысан кодта ныхасæмбал.
Йæ ныхæстæм гæгсæ фæткхалджытæ æрцæудзысты иваргонд.
Ног хабӕртты лентӕ
0