Хуссар Иры уӕлыстъол теннисы секцийы хъомылгӕнинаг рамбылдта Цӕгат Иры чемпионат

© Photo : Из личного архива Мириана Джиоева Хуссар Ирыстоны уӕлыстол теннисы секцийы хъомылгӕнинаг рамбылдта Цӕгат Ирыстоны чемпионат
Хуссар Ирыстоны уӕлыстол теннисы секцийы хъомылгӕнинаг рамбылдта Цӕгат Ирыстоны чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 дек – Sputnik, Плиты Фатима. Хуссар Ирыстоны уӕлыстъол теннисы секцийы хъомылгӕнинаг Кокойты Аманда рамбылдта Цӕгат Ирыстоны чемпионат, фехъусын кодта федерацийы хистӕр Джиоты Мириан.
Цӕгат Ирыстоны фыццагад ӕмӕ чемпионат цыдысты Дзӕуджыхъӕуы 23-24 декабры.
"Аманда ссис уӕлахиздзау, ныр йын фадат ис тох кӕнын регионалон ӕмвӕзадыл - ЦКФЗ ерысты. Уый ма расгуыхт къайон ерысты, уый Цӕгат Ирыстоны минӕвар Мӕлдзыгаты Аланимӕ бацахстой дыккаг бынат", - загъта Джиоты Мириан.
Ерысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны ӕртӕ чызгӕй бацыдысты ӕмбырдгонды скондмӕ.
"2008 азы гуырд спортсменты хсæн Къуылыхты Зӕринӕ бацахста дыккаг бынат, ӕртыккаг ссис Цхуырбаты Ирина. Фондз тыхджындӕры нымӕцмӕ бацыд Касрадзе Майя. Уыдон се 'ппӕт дӕр бацыдысты Цӕгат Ирыстоны ӕмбырдгонды скондмӕ", - бафтыдта уый.
Фæсивæд цæттæ кæнынц Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы æмæ Сывæллæты æмæ æрыгæтты спорты скъолайы.
Ног хабӕртты лентӕ
0