Митуард нæ фехæлдта фæндагон бастдзинад Хуссар Иры районтимæ

© Sputnik / Наталья АйриянМитуард нæ фехæлдта фæндагон бастдзинад Хуссар Иры районтимæ
Митуард нæ фехæлдта фæндагон бастдзинад Хуссар Иры районтимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 дек - Sputnik, Гæбæраты Элина. Фæндагон бастдзинад Хуссар Ирыстоны районтимæ нæ фехæлд, фехъусын кодтой Sputnik-æн республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) радгæсон хайады.
Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуырийы кæронæй нæ лæууы митуард, æвзæр боныгъæды тыххæй сабатæй æхгæд у Транскавказаг автомагистраль.
"Алкæцы районмæ дæр фæндаг ис. Фæндагон службæтæ кусынц республикон нысаниуæджы трассæтæ ссыгъдæг кæныныл", - банысан кодта министрады кусæг.
Комавтодоры разамонæг Гæбæраты Алан йæхирдыгæй бахахх кодта, техникæ активон куыст кæй кæны Знауыры, Уелиты, Къуайсайы æмæ Ленингоры здæхтыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0