Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. VIII сæр

Рафыссын
Мæхæмæт йæ фæстæ дуар дæр нæ рахгæдта, афтæмæй рацыд Исламы уатæй. Сæрдыгон хæдзары, стъолы фарсмæ, йæхи æруагъта, йæ сæр йæ армытъæпæнты æхсæн бакодта æмæ афтæмæй бирæ фæбадт. Дали æхсæв-бонмæ йæ цæстытæ кæрæдзиуыл не 'рæвæрдта, хуызы цъыртт дзы нал баззад. Йæ лæгмæ-иу сагъæсхуызæй бакаст, фæлæ йæм дзурын нæ уæндыд.
— Дæ хуыссæн конд у æмæ æрхуысс, — загъта æрæджиау аххосджынхуызæй.
Мæхæмæт ницы сдзырдта. Чи зоны æмæ йæм Далийы ныхæстæ хъуысгæ дæр нæ фæкодтой, афтæ змæст уыдысты йæ хъуыдытæ. Дали зыдта, йæ лæджы зæрдæ цæмæй тоны æмæ цæмæй судзы, уый.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0