Сау тымыгъ. Охх, куыд сæ фæндыд цæрын!

Сау тымыгъ. Охх, куыд сæ фæндыд цæрын!
Рафыссын
Чъребайы сæрмæ, Згъудеры къуылдыммæ мæй йæ æнæбары тынтæ зивæггæнгæ æппарæгау кодта. Арвыл кадавар стъалытæ сæхи æмбæхсыныл архайдтой. Цыма сæ цыдæр фенын нæ фæндыд, цыма цæмæндæр æвдисæн уæвынмæ зивæг кодтой, ахæм уавæры уыдысты. Куы-иу сæрттывтой, стæй та-иу фæсаубын сты. Къуылдымы сæрмæ æмбисæхсæвы уазалбын дымгæ фæйлауæгау кодта сауджын Кванчахадзейы пæлæз. Йæ фарсмæ æргъæвстгондæй бампылæгау кодта дохтыр Вацлав Херш. Йæ тарст цæстæнгас-иу ахаста Присы сæрмæ къуылдымтæм. Сæ дыууæ дæр тарстысты, фæсвæдæй сæ мачи æрбахса, уымæй.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0