Транскамыл уары мит, фæндаг бакæныны фæдыл нырма информаци нæй

© пресс-служба МЧС РЮОСитуация на Транскаме
Ситуация на Транскаме - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Ручъы тоннелы дыууæ фарс дæр тыхджын митуард фадат нæ дæтты аразын прогнозтæ Транскавказаг автомагистралы баконды тыххæй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) радгæсон хайады.
Транскам æхгæд у сабатæй фæстæмæ, фæндагон службæтæ сыгъдæг кæнынц трассæ, фæлæ тыхджын митуард фæстæмæ бамбæрзы фæндаг.
"Ацы тæккæ нæ бон нæу зæгъын, кæд бакæндзысты фæндаг", - загъта радгæсон.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0