Цхинвалы райдайдзæн акци "Ногазон автопоезд"

© Sputnik / Natalia AiriyanНог аз
Ног аз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 дек - Sputnik. Цхинвалы райдайдзæн традицион акци "Ногазон автопоезд", хъусын кæны мэрияйы пресс-службæ.
Акцийы фæлгæтты столицæйы ацæудзысты ирд равдысттæ сывæллæттæн. Мадзæлттæ райдайдзысты 25 декабры æмæ адарддæр уыдзысты 30-æм декабры онг.
"Митын Дада æмæ Митын чызг æрбалæугæ Ног азы символ – Драконимæ райдайдзысты цæуын автопоездыл музыкæ æмæ наз бæласимæ, афтæ ма æвдисдзысты равдысттæ горæты районты", - фехъусын кодтой столицæйы администрацийы.
Сывæллæттæн бацæттæ кодтой зарджытæ, конкурстæ, равдысты кæрон та уыдзæн митын шоу.
Хиирхæфсæн программæимæ поезд бацæудзæн микрорайонтæм: "Хурзæрин", "Цæгаттаг", "Мæскуыйаг", "Текстиль", "Шанхай", "Жилмассив", "Царз", "Гафез", афтæ ма Хъайтарты æмæ Колыты Аксойы уынгтæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0