Мит нæ уыдзæн: синоптик радзырдта боныгъæды тыххæй ногазон æхсæвы Иры Хуссар æмæ Цæгаты

© Sputnik / Natalia AiriyanМит нæ уыдзæн: синоптик радзырдта боныгъæды тыххæй ногазон æхсæвы Иры Хуссар æмæ Цæгаты
Мит нæ уыдзæн: синоптик радзырдта боныгъæды тыххæй ногазон æхсæвы Иры Хуссар æмæ Цæгаты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik. Иры Хуссар æмæ Цæгаты ногазон æхсæвы дæлдзырæгтæ нæ уыдзæн, æввахс 10 боны дыууæ республикæйы дæр уæлдæфы температурæ уыдзæн æртæ-цыппар градусы азы рæстæгмæ гæсгæ уæлдæр. Уый тыххæй Sputnik радзырдта метеоролог Александр Шувалов.

"Бонæй уыдзæн хъарм +6, +9 градусы. Æхсæвы температурæ уыдзæн 0 градусæй -5 градусмæ. Уымæ гæсгæ Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæ сæмбæлдзысты Ног азыл хъарм боныгъæдимæ", - радзырдта синоптик.

Шувалов банысан кодта, фæстаг 15-20 азы дунейы цæуынц климаты глобалон ивындзинæдтæ, уымæ гæсгæ зымæгон сезоны дæргъад сындæггай къаддæр кæны.
Ног хабӕртты лентӕ
0