Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. X сæр

Рафыссын
Уыд хуыцаубон. Абон хъуамæ колхоз "Стъалы"-йы кæрты уа иумæйаг æмбырд дыууæ колхозы адæмæн æмæ, уымæ гæсгæ, "Октябр"-ы колхозонтæ, иуæндæс сахаты дæр нæма уыд, афтæ æмбырд кæнын райдыдтой сæ правленийы кæрты. Лæгтæ скъорд сты кæрдо бæласы бын æмæ та йæ Битър, иннæ хæттытау, худæгæй мардта. Уый сын дзырдта "Стъалы"-йы колхозæй дыууæ сыхаджы хабæрттæ. — Цæвиттон, дыууæ колхозоны цардысты фæрсæй-фæрстæм. Сæ цæхæрадæтты дыууæйæн дæр уыдис картоф сагъд æмæ нартхор тыд. Дыууæ сыхаджы уыцы иу афон рацыдысты сæ нартхæрттæ рувынмæ. Сæ иу уыди æнахуыр даргъ, иннæ та — цыбыр. Даргъы раз цыбыр зындис лилипуты хуызæн.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0