Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. XI сæр

Рафыссын
— Хъайсын, мæ хур, ма фæзивæг кæн æмæ Исламмæ дæхæдæг суай. Бамбарын ын кæн хъуыддаг, кæннод уæдæ æз дæр цы кæнон! — лæгъстæгæнæг хъæлæсæй дзырдта Дали.
— Цавæр куыст у, цавæр? Хæдзармæ куынæуал цæуы! — загъта Аминæт æмæ йæ рæсугъд урс-урсид дæндæгтæ ферттывтой.
— Хорз, æз æм суайдзынæн. Æрмæст кæм уыдзæн, уый мын зæгъут.
— Æрдæбон Мухтары мадыл сæмбæлдтæн æмæ мын уый афтæ, хъæусоветмæ, дам, баздæхтысты дыууæйæ дæр.
— Хорз, уæдæ, æз цæуын. Ацы хъæубæсты куы уа, уæд æй ссардзынæн, — ныххудти Хъайсын. Дали æмæ Аминæтæн сæ зæрдæтæ æрæнцадысты.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0