Сау тымыгъ. Дарддæры ног фыдæвзарæнтæ

Сау тымыгъ. Дарддæры ног фыдæвзарæнтæ
Рафыссын
Згъудеры къуылдымыл ма Борæ иуцасдæр фæкст дæргъæй-дæргъмæ ног ингæныл бурбын сыджыты обаумæ. Стæй лæппутæм бадзырдта:
- Цæмæн рацыдыстут мæ фæдыл, мæ хъæбултæ, куы уын загътон, ма фезмæлут уæ бынатæй, уæд? – æмæ та ингæнмæ кæсгæйæ бакæрзыдта.
- Гъей мæгуыр уæ бон, ирон лæппутæ! Цæрынæн куы райгуырдыстут æмæ уæ цæрын куынæ бауагъта не знаг. Кæм сты цымæ уæ бинонтæ ныртæккæ? Цы ‘нхъæл сты, мæгуыр сæ бон, цæмæй зонынц æмæ сæ зæрдиæгтыл сау бон кæй ныккодта Присы бынмæ, Згъудеры къуылдымыл. Ехх мæ бон…
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0