Сау тымыгъ. Æнæнхъæлæджы уазæг

Сау тымыгъ. Æнæнхъæлæджы уазæг
Рафыссын
…Валикъо Джугъели æмæ Гиорги Квинитадзе бадтысты штабы. Ацы дыууæ лæджы кæрæдзийæ сæ уды уæнгæл уыдтой. Сæ иу æфсады командæгæнæг, иннæ гвардийы хистæр. Бæллыдысты кæрæдзийы сæфтмæ, фæлæ сæ баста иу хъуыддаг. Æмзонд, æмвæнд æрмæст уым уыдысты. Иу нысан сын уыд – ирон адæмы ныццæгъдын.
- Зæрдæмæдзæугæ у дæ архайд, батъоно Джугъели, фæлæ æгъатырдæр уæвын æмбæлы! Армыдзаг адæм сты ацы ирæттæ, фæлæ ма дзы цæмæн баззад кæмдæрты? – гом рудзынгæй кæсгæйæ бадзырдта Квинитадзе Джугъелимæ.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0