Фӕндагон службӕтӕ ссыгъдӕг кодтой митӕй республикон трассӕтӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanФӕндагон службӕтӕ ссыгъдӕг кодтой митӕй республикон трассӕтӕ
Фӕндагон службӕтӕ ссыгъдӕг кодтой митӕй республикон трассӕтӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕндагарӕзтады комитет сӕндидзын кодта фӕндагон бастдзинад районон центртимӕ стыр митуарды фӕстӕ, фехъусын кодта Sputnik комитеты хистӕры хӕдивӕг Гӕбӕраты Мурӕт.
Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуырийы кӕронӕй фӕстӕмӕ уары мит, дыццӕджы митуарды раивта къӕвда, уый ноджы февзӕрдӕр кодта уавӕр фӕндӕгтыл.
"Иууыл фылдӕр мит ныууарыд Цхинвал-Ленингоры фӕндагыл, уым трассӕ ӕртӕ хатты схизы хохӕфцӕгмӕ, миты бӕрзӕнд дзы хызт метры онг. Уым бахъуыд бафыдӕбон кӕнын. Ныридӕгӕн фӕндаджы сыгъдӕг фӕуд кӕны Дзауы районы Синагуры хъӕумӕ. Аннӕ районон центртӕм фӕндӕгтӕ сыгъдӕг цыдысты тагъд", - загъта Гӕбӕраты Мурӕт.
Уый ма бафиппайдта, ӕдӕппӕтӕй митуарды фӕстиуджытӕ иуварс кӕныныл куыста техникӕйы 10 иуӕгӕй фылдӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0