Фонд "МИР-МОСТ-ОСЕТИЯ" раарфæ кодта Хуссар Иры кадетты скъолайы хъомылгæнджытæн

© Sputnik / Роин БибиловКадетты скъола
Кадетты скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек – Sputnik, Томайты Аманда. Фонд "МИР-МОСТ-ОСЕТИЯ"-йы директор Тадтаты Таймураз раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны кадетты скъолайы хъомылгæнджытæн æрбалæугæ Ног азы цытæн.
"Ацы аз бирæ сарæзтæуыд, æмæ мæ уырны, фидæн азы та ноджы фылдæр кæй æрцæудзæн арæзт. Фонд "МИР-МОСТ-ОСЕТИЯ"-йы мадзæлттæ иууылдæр здæхт сты сывæллæттæн ахуыры хорз уавæртæ саразынмæ. Уый у фонды куысты чысыл хай", - загъта уый.
Фонд "МИР-МОСТ-ОСЕТИЯ" къухдариуæгад радта ахуырдзаутæн ногазон лæвæрттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0