Хуссар Иры УУМ 15 азы: ирвæзынгæнджыты ахуырты видео æмæ уагдоны куысты хатдзæгтæ

Рафыссын
Ирвæзынгæнæджы боны цытæн Sputnik ныммыхуыр кодта Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады ахуырты видео. Сценаримæ гæсгæ, ирвæзынгæнджытæ æмæ зынгфæдисонтæ аиуварс кодтой "уæлвæткон цауы" фæстиуджытæ хидыл – ахуыссын кодтой судзгæ хæдтулгæтæ æмæ фервæзын кодтой "зианбаййафджыты". Ахуырты хайад райстой республикæйы алыхуызон сæрмагонд службæты 50 кусæгæй фылдæр.
Операцийы тыххæй лæмбынæгдæр бакæсут нæ видеоæрмæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0