Сау тымыгъ. Ох-хай гъе, не знаг нæ былмæ фæтæры!..

Сау тымыгъ. Ох-хай гъе, не знаг нæ былмæ фæтæры!..
Рафыссын
…Дыккаг бон сихорафонмæ æввахс Борæитæ фæллад æмæ æххормагæй схæццæ сты Дзомагъгоммæ, сæ хъæумæ. Нæ уыд æнцон сæ фæндаг. Тухитæ æвзаргæйæ, æмбæхсгæ-хъуызгæ цыдæй фæцыдысты хъæдты æмæ адгуыты. Хæццæ бæргæ систы, фæлæ ма кæм уыдис хъæу. Хъæуæн ма баззадис йæ ном, йæхæдæг та сыгъдæй уыдис хъæууат. Дард кæцæйдæрты хъуыст куыйты ниуын, хъæды астæу æрдузтæй-иу райхъуыст æгомыг фосы уасын дæр. Удгоймаг змæлæг нал разындис хъæуы. Борæйæн йæхи хæдзар сау æвзалыйæ лæууыд, æниу иннæ хæдзæрттæ дæр ахæм уавæрты уыдысты.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0