Хусар Иры бензины аргъ къаддӕр кӕндзӕн – Гаглойты Алан

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæӔртаджы станц
Ӕртаджы станц  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад кусы ӕртаджы ӕргъты стабилизацийыл, загъта йӕ хатдзӕгон пресс-конференцийы рӕстӕджы президент Гаглойты Алан.
Sputnik уацхӕссӕг бафарста президенты, Хуссар Ирыстоны бензины аргъ фылдӕр цӕмӕн у Цӕгат Ирыстонмӕ абаргӕйӕ, кӕд ӕмӕ республикӕйӕн ис бадзырд Уӕрӕсейӕ ӕртаджы ӕнӕхъалонон импорты фӕдыл.
"Уый у тынг ахсджиаг фарст, уымӕн ӕмӕ бензины аргъ ӕндавы республикӕйы алкӕцы цӕрӕгыл дӕр. Ам нӕй зын формула. Экспортон аргъ алыхатт дӕр уыд къаддӕр уӕрӕсейаг мидӕггагон базары аргъмӕ абаргӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ махмӕ апрелы онг ӕртаджы аргъ авд сомы уыд къаддӕр. Ацы аз та сфӕлхатт ис ивгъуыд азы уавӕр, азы райдайӕны экспортон тарифтӕ хизын куы райдайынц. Знон мын фехъусын кодтой, ӕртаджы аргъ ноджы кӕй фӕкъаддӕр кодтой ӕмӕ махмӕ дӕр бензин фӕасламдӕр уыдзӕн", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Уыимӕ иумӕ паддзахады сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, 16 декабры кӕй бафыстӕуыд уагӕвӕрд, кӕцымӕ гӕсгӕ ӕртаг ласыны сӕрмагонд бар райста Роснефть.
Ног хабӕртты лентӕ
0