Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. XIII сæр

Рафыссын
Ацы азы фæззæгæй колхозонтæ разы уыдысты. Мæнæу сын байуæрстой фæйнæ æртæ килограммы фæллойбонæн. Нартхор дæр сын радтой, фæлæ сæм бирæ не 'рхауд, уымæн æмæ фæззæджы уайтагъд фæуазалтæ кодта æмæ сæ нартхор æххæстæй бафснайын сæ къухы нал бафтыд.
Зымæджы куыст бирæ нæ уыд, æмæ колхозонтæ сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвыстой: кæм чындзæхсæв, кæм номæвæрд, кæм бæлццоны куывд. Æрмæст Таймуразы чындзæхсæв фæстæмæ-фæстæмæ кодта.
Фыццаг Ислам горæты куы уыди ахуыр кæнынмæ, уæд уымæ кастысты. Уый куыддæр æрцыди, афтæ та Таймуразы шофырты курсытæм арвыстой.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0