Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. XIV сæр

Рафыссын
Мæхæмæт æхсæв-бонмæ нæ бафынæй, æрмæст бонырдæм иучысыл арæдзæ-мæдзæ кодта. Фæлæ канд Мæхæмæт нæ уыди æнæхуыссæг. Цорæты бинонтæ, Хазбийæ фæстæмæ, се 'гас дæр уыдысты уыцы уавæры — хуыссæг сæ æмгæрон никæмæ æрцыд. Мæхæмæт сыстад фæллад, фæлæ амондджынæй, йæхимæ айдæнмæ бирæ фæкаст, стæй йæ уырзтæ йæ рустыл æрхаста æмæ йæхинымæр загьта: "Æллæх, æллæх. Ахæм ма дзы хъуынджын уа! Сæрдасæн ма мæм сарæхса".
— Дзерассæ, уæ Дзерассæ! — рахъæр кодта Мæхæмæт æддæмæ.
Дзерассæ тыргътæ æфснайдта. йæ фыды хъæлæс айхъусгæйæ, йæ зæрдæ йæ риуы сцæлхъ-цæлхъ кодта, — иуцасдæр Мæхæмæт йæ чызгмæ йæ номæй нал сдзырдта.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0