Путин раарфæ кодта Гаглойты Аланæн Ног азы цытæн, арфæйы ныхас бакаст УФ минæвар РХИ

© Sputnik / Natalia AiriyanПутин раарфæ кодта Гаглойты Аланæн Ног азы цытæн, арфæйы ныхас бакаст УФ минæвар РХИ
Путин раарфæ кодта Гаглойты Аланæн Ног азы цытæн, арфæйы ныхас бакаст УФ минæвар РХИ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан райста уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметовы, кæцы УФ президент Владимир Путины номæйы раарфæ уодта паддзахады сæргълæууæгæн æрцæугæ ногазон бæрæгбонтимæ, хъусын кæны РХИ президенты пресс-службæ.

"Фидарæй мæ уырны дарддæр дæр æппæт тыхтæй рæзын кæндзыстæм бирæфадыгон æмгуыстад – нæ æфсымæрон адæмты хорздзинадæн, регионалон стабилондзинад æмæ æдасдзинад æрфидар кæнынæн", - дзырдæуы Владимир Путины арфæйы ныхасы.

Йæхи ᾿рдыгæй Гаглойты Алан Уæрæсейы къухдариуæгадæн арвыста сыгъдæг арфæтæ ногазон бæрæгбонтимæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта хъусдарды тыххæй Хуссар Ирыстоны райрæзт æмæ адæмы хæрзæбонмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0