Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. XVI сæр

Рафыссын
Мæхæмæт бонырдæм æрбахæццæ районы центрмæ æмæ Симон æмæ Баграты милицæмæ бакодта, йæхæдæг Дзерассæимæ сæхимæ ацыд. Куыннæ бацин кодтаиккой Дзерассæйыл хъæубæстæ! Фырцинæй сæ цæстысыгтæ калдтой Цорæты бинонтæ, сæ хæстæджытæ, сæ къабæзтæ.
Хъæуы Дзерассæйы аскъæфт æмæ байсты кой йедтæмæ ницыуал уыд цалдæр боны. Мæхæмæты ном айхъуыст æнæхъæн районыл. Дзерассæ-иу тарстхуызæй радзырдта, йæ фыд лæгæй-лæгмæ йе 'скъæфджытимæ куыд хæцыд æмæ сæ уæнгсæстытæ куыд фæкодта, уыдæттæ.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0