"СÆО хайадисджытæн æххуыс махæн алкæмæндæр у приоритетон хæс" - Гаглойты Алан

© Photo : Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан фембæлд Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытимæ
Гаглойты Алан фембæлд Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембæлд Сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисджытимæ Ирыстонæй, кæцытæ æрыздæхтысты хæдзармæ отпускы. Паддзахады сæргълæууæг сын бузныг загъта сæ хъайтардзинады тыххæй.
"Сымах цæттæ стут цæуын кæронмæ уæ хъуыддаджы, цæсгомджынæй службæ кæнут уæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ æмæ дарддæр кæнут нæ фыдæлты традицитæ. Сымах стут æцæг дæнцæг рæзгæ фæлтæрæн", - загъта Гаглойты Алан.
Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзæн СÆО хайадисджытæн
Президент схорзæхджын кодта æфсæддонты майдантæй сæ хъайтардзинады тыххæй, кæцы уыдон равдыстой сæ хæстон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы сæрмагонд æфæддон операцийы.
Ног хабӕртты лентӕ
0